Ираклий Гъарибашвили премьер-министры бынатæй йæхи суæгъд кодта
Ираклий Гъарибашвили премьер-министры бынатæй йæхи суæгъд кодта

Ираклий Гъарибашвили  Гуырдзыстоны  премьер-министры  пост ныууагъдта.

Уый фæдыл  Гъарибашвили  абоны  брифингыл райхъусын кодта.

«Фæнды мæ дзыллæйæн фехъусын кæнын  уынаффæйы фæдыл, кæцыйыл  мæ балимæ иумæ  фæтæрхон кодтам.  Абон æз мæхи уæгъд кæнын  премьер-министры  бынатæй. Раттут мын бар, дырыс  райхалын  ацы уынаффæйы  аххосæгты тыххæй.  Амæйразмæ,  ивгъуыд азы кæрон, æз дзыллæйæн  радтон хыгъдлæвæрд  мæ æртæазон куысты фæдыл.   Зондзыстут,  хицауады сæрдары постыл дыккаг æмгъуыдæй  кусын тынг вазыгджын периоды, мтд æви æхсæнадæмон  политикон, экономикон, социалон кризисты  уавæрты райдыдтон. Æз цæсгомджынæй  службæ кодтон нæ бæстæйæн,  æнæкомпромисс хъахъхъæдтон нæ бæстæйы  æмæ адæмы интерестæ, сæрыстыр дæн фæстиуджытæй, кæцытæ нын ацы периоды, нæ балимæ иумæ  уыд», –  банысан кодта экс-премьер Гъарибашвили.

Гъарибашвилийы дзырдæй, политсоветæй  райста æнхъарæн, бацахса  партийы сæрдары бынат æмæ уый фæдыл  æмбырд ацæудзæн  фыццаг   февралы.

Бакой уын кæндзыстæм, Ираклий Гъарибашвили премьеры бынат  фыццаг хатт 2013-2015 азты ахста. 2015 азы 30  декабры уый йæ  пост ныууагъдта æмæ  хицауады  2019 азы хъахъхъæнынады министры рангы  æрыздæхтис. Дыууæ азы  фæстæ та йæ, 2021 азы  февралы Гуырдзыстоны  парламент  премьер-министрæй сфидар кодта.