Ираклий Гъарибашвили хъусын кæны, цæмæй ныр уæвæг бадзырдæй «Намахван-гэсы» проект нæ адарддæр уыдзæн
Ираклий Гъарибашвили хъусын кæны, цæмæй ныр уæвæг бадзырдæй «Намахван-гэсы» проект нæ адарддæр уыдзæн

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хъусын кæны, цæмæй ныр уæвæг  аууæлттимæ  «Намахвангэсы»  проект нæ адарддæр уыдзæн.

Ираклий Гъарибашвили  журналисттæн  куыд фехъусын кодта  афтæмæй, инвестортимæ  цæуынц бадзырдтæ, цæмæй ГЭС  арызт уа хуыздæр аууæллтимæ.

«Намахван-гэсы  проекты тыххæй  мæ бон зæгъын у, цæмæй   ацы проект æмæ ацы  проблемæ  раззаг  хицауадæй  рафтгæ  у. Зæгъын уын, цæмæй активонæй  кусын ацы  хъуыддагыл.  Уыцы  аууæлттæ æмæ домæнтæй,  ныр цы ис  фыст проекты мидæг, уый нæ адарддæр уыдзæн,  бадзырд ома 100 азы  æмæ а.д. мæ бон зæгъын у, цæмæй  ахæм бадзырдæй   проект нæ адарддæр уыдзæн.  Инвестортимæ ныхас кæнæм,  ныфс мæ ис,  цæмæй  сразы уыдзысты  нæ  бæстæйæн пайдаджын  интерестимæ, цæмæй   ноджы хуыздæр  бадзырдæй  самайæм ацы гэс, кæцы  уыдзæн сегасдæр хуыздæр   интерестæ уадзæг  нæ æмбæстæгтæн, сæ нымæцы  Намахвангэсы ныхмæ чи сты уыцы æмбæстæгтæн дæр», –  загъта Гъарибашвили.