Ираклий Гъарибашвили  фембæлдис АИШ-ы Конгрессы делегациимæ
Ираклий Гъарибашвили фембæлдис АИШ-ы Конгрессы делегациимæ

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Америкæйы Иугонд Штатты  Конгрессы  делегациимæ фембæлдис, кæцыйæн къухдариуæг кæны сенатор Джин Шахин. Делегацийы сконды ис  республикаг  сенатор  Огайойы  штатæй  Роб Портман.

Премьер-министры пресс-куысты информацийæ,  хицауады  администрацийы  лæвæрд брифингыл  хъусдард здæхт æрцыд   Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  æхсæн  стратегион  партнерадмæ, кæцы иумæйаг аргъдзинæдты æмæ  интерестыл бындурæвæрд у.

«Сæрмагонд акцент арзыт уыд   Сау Денджызы  æдасдзинады  нысаниуæгыл æмæ ацы  æрдгæй  Гуырдзыстон-АИШ-ы  æнгом æмгуыстадыл.

Оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл  уæвæг  уæззау  уавæрыл ныхасы рæстæджы,  бахахх ис  АИШ-ы  фарсхæцыны роль конфликты сабырадон фæндагæй  аскуыддзагы процессы.   Сенатортæ  фембæлдыл  ноджы иу хатт сбæлвырд кодтой  АИШ-ы  Конгрессы  дыууæпартион  фарсхæцын  Гуырдзыстоны суверенитет  æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æхсæнадæмонæй  нымад арæнты», –  банысангонд у премьер-министры пресс-куысты  информацийы.

Афтæма сæ хъусинагæй,  ныхас уыд  бæстæйы уæвæг   политикон   уавæрыл.

«Премьер-министр  банысан кодта, цæмæй  хицаугæнæг  бал 19 апрелы бадзырды æмзæрдæ у æмæ йæ  сыххæст кæнынæн  хъæугæ къахдзæфтæ аразы.

Конгрессментæ банысан кодтой, цæмæй  сæ визит  у  дыууæпартион  æрвитæггаг, ома  АИШ-æ   йæ фарс хæцы Гуырдзыстонæн демократи стынг кæнынæн», –  дзырдæуы  премьер-министр пресс-куысты  информацийы.