Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад - Гугутъианткъарийы хъæумæ хæстæг оккупацион тыхтæ барьерты аразыны æнæзакъонон процесс сног кодтой
2019 азы 7 августы Гуры муниципалитеты хъæу Гугутъианткъаримæ хæстæг оккупацион тыхты æрдгæй сног ис аразгæ барьерты монтажы æнæзакъонон процесс, – уый фæдыл информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Уагдоны куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй, информаци райстæй уайтагъд фæсарæн хъуыддæгты министрад скусын кодта алы уæвæг мæцъис. Æнæаргъæвгæйæ фехъусын кодта инцидентты маруадзыны механизмтыл кусæг къорды фæлгæтты уæвæг тæвд хаххмæ.
«Хъуыддаджы къурсы бакодтам æхсæнадæмон дзыллæйы минæвæртты, сæ нымæцы, Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмсæрдæртты.
Гуырдзиаг фарс бахахх кодта æхсæнадæмон дзыллæйы æрдгæй цæугæ процессæн æмбæлон аргълæвæрд æмæ Уæрæсейы Федерацимæ, йæхимæ цы хæстæ райста, уыдоны сыххæстмæ æрсидты æнæмæнгхъæуындзинад.
Оккупацион хаххыл фæнысангонд куыстытæ æппæрццагæй фæзындзысты сабырадон бадзырдтыл æмæ афтæдæр фæфыддæрдæр кæндзæн конфликтæй зианбавзарæг цæрджыты, æнæуый дæр уæззау гуманитарон уавæр, æмæ уæвæг æдасдзинады аууæлттæ», – хъусын кæнынц фæсарæн хъуыддæгты министрады.