Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад -  Гугутъианткъарийы хъæумæ хæстæг оккупацион тыхтæ  барьерты аразыны æнæзакъонон процесс сног кодтой
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад - Гугутъианткъарийы хъæумæ хæстæг оккупацион тыхтæ барьерты аразыны æнæзакъонон процесс сног кодтой

2019 азы 7 августы Гуры муниципалитеты  хъæу  Гугутъианткъаримæ  хæстæг оккупацион  тыхты æрдгæй  сног ис  аразгæ  барьерты  монтажы  æнæзакъонон процесс, –  уый фæдыл информацийы  хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.

Уагдоны куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй,   информаци райстæй  уайтагъд  фæсарæн хъуыддæгты министрад скусын кодта алы уæвæг  мæцъис. Æнæаргъæвгæйæ  фехъусын кодта  инцидентты маруадзыны механизмтыл кусæг къорды фæлгæтты  уæвæг тæвд хаххмæ.

«Хъуыддаджы  къурсы  бакодтам  æхсæнадæмон  дзыллæйы минæвæртты, сæ нымæцы, Женевæйы  æхсæнадæмон  бадзырдты  æмсæрдæртты.

Гуырдзиаг фарс  бахахх кодта  æхсæнадæмон дзыллæйы æрдгæй  цæугæ  процессæн æмбæлон  аргълæвæрд æмæ  Уæрæсейы Федерацимæ,  йæхимæ цы хæстæ райста,  уыдоны  сыххæстмæ  æрсидты  æнæмæнгхъæуындзинад.

Оккупацион хаххыл  фæнысангонд  куыстытæ æппæрццагæй  фæзындзысты   сабырадон  бадзырдтыл æмæ  афтæдæр фæфыддæрдæр кæндзæн  конфликтæй  зианбавзарæг  цæрджыты, æнæуый дæр уæззау  гуманитарон  уавæр, æмæ  уæвæг æдасдзинады аууæлттæ», – хъусын кæнынц  фæсарæн хъуыддæгты министрады.