Фæсарæн хъуыддæгты министрад – Турк-Гуырдзыстоны æхсæн бадзырдмæ гæсгæйæ, дыууæ бæстæйы æхсæн тахтытæ 20 марты онг адарддæр сты
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, Турк-Гуырдзыстоны æхсæн бадзырдмæ гæсгæйæ, дыууæ бæстæйы æхсæн тахтытæ цæудзысты цæугæ азы 20 марты онг.
«Бæрæг куыд у афтæмæй, Турчы Республикæ вирусы ахæлиуы ныхмæ мадзæлтты фæлгæтты сфидар кодта арæнæвæрдтæ, куыд «Турчы авиахаххыты» æхсæнадæмон тахтытыл, афтæ сурзæххон арæныл змæлды æрдгæй.
Сæ нымæцы, бæрæг куыд у афтæмæй Гуырдзыстон æмæ Турк æрынхас кодтой, физикон уæнгтæн сурзæххон арæныл, Сарпийы арæйнон-ауадзæн пунткы уылты змæлд арæн скæнын.
Фæнысангонд арæнæвæрд не ххæссы уаргъты ивдмæ. Афтæма, дыууæ бæстæйы æхсæн архайæг интенсивон адæмты æхсæн æмæ хъуыддагджын цæдисты зæрдыл даргæйæ, фарсытæ æрынхас кодтой цæмæй физицон уæнгты змæлды тыххæй, кусын адарддæр кæндзæн Валейы æмæ Къарцъахы ахизæн пункттæ.
Зæрдыл бадарын хæъуы уый æмæ Турчы Республикæ, бæстæйы коронавирусы ахæлиуы ныхмæ ист мадзæлтты фæлгæтты, ныридæгæн аивдта авиазмæлд бирæ бæстæйы æрдæм, ахæм скуыддзаг райст цæугæ азы 14 мартмæ пълан кодта Гуырдызстонмæ гæсгæ дæр, фæлæ дыууæдæр фарсы иумæйаг разыйæ ахицæн кодтой, тахтытæ адарддæр кæнын цæугæ азы 20 марты 24:00 сахаты онг» – баынсангонд у Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийы.