Давит Гареджийы фарстайыл цæугæ фæдагуырды фæлгæтты прокуратурæ фæсарæн æмæ мидхъуыддæгты министрадты дыууæ кусæгы æрцахста
Давит Гареджийы фарстайыл цæугæ фæдагуырды фæлгæтты, прокуратурæ дыууæ гоймагы æрцахста. Уый фæдыл прокуратурæйы ацæугæ брифингыл фехуъсын кодтаой.
Сæрмагондæй та, ахст сты Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады, сыхаг бæстæты фæдыл департаменты арæйнон ахастыты куысты хистæр И.М. æмæ Гуырдзыстоны МХ министрады арæйнон пъæлицæйы сурзæххон арæны хъахъхъæды департаменты сæйраг инспектор Н.И.-ы.
Фæнысангонд фарстайыл фæдагуырд цæугæ азы 17 августы райдыдта. Фæдагуырд цæуы æндæр бæстæйæн Гуырдзыстоны территорийы хай алæвæрды рдæм архайды сæххæст фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхонон барады кодексы 308-æм статийы фыццаг хайæ бæрæг фыдракæнды нысæнттæй.