Гиорги Гахариа - Мæхимæ исын бæрн, цæмæй   æвзæрстытæ ацæудзысты  сабыр  æмæ демокративон  уавæрты
Гиорги Гахариа - Мæхимæ исын бæрн, цæмæй æвзæрстытæ ацæудзысты сабыр æмæ демокративон уавæрты

«МХМ  иунысанонæй   алы  амæлттæй  архайы  уый тыххæй  цæмæй  æвзæрстытæ  уагъд æрцæуой  сабыр  æмæ демокративон  аууæлтты» – уый фæдыл райхъусын кодта  мидхъуыддæгыт министр Гиорги Гахариа.

Министр Зугдиды  куыд банысан кодта афтæмæй,   æхсæнадæмон  цæстдарджыты хыгъдлæвæрдтæ  дырысæй  æвдисынц  цæмæй æвзæрстыты  фыццаг туры зæгъгæ,   тыхмидзинады æмвæзад бирæ къаддæр уыдис.

«Цыдæриддæр та  разæвзарæнон периодмæ æххæссы,  фæнды  мæ  алкæмæ æрсидын,  цæмæй  ногæй æркæсæт,  æвзæрстыты фыццаг туры фæстæ,  æхсæнадæмон цæстдарджыты публикацигонд  хыгъдлæвæрдтæ. МХМ  иунысанонæй   алы  амæлттæй  архайы  уый тыххæй  цæмæй  æвзæрстытæ  уагъд æрцæуой  сабыр  æмæ демокративон  аууæлтты.

Мæхимæ исын бæрн, цæмæй   æвзæрстытæ ацæудзысты  сабыр  æмæ демокративон  уавæрты  æппæт бæстæйы  масштабæй.  Æз  арæх уыдзынæн ам Самегрелойы. Æвзæрстытæм æххæссы  уый  æви нæ –  цæй зæгъын æй  хъæуы  хайгай  æххæссы» –  загъта Гиорги Гахариа.