Гиорги Гахариа  - Абон Гуырдзыстоны иууыл ног историйы  сегасдæр нысаниуæгджын бон у, Страсбургы тæрхондоны Уæрæсейы ныхмæ  дау Гуырдзыстоны уæлахиздзинадæй фæцис
Гиорги Гахариа - Абон Гуырдзыстоны иууыл ног историйы сегасдæр нысаниуæгджын бон у, Страсбургы тæрхондоны Уæрæсейы ныхмæ дау Гуырдзыстоны уæлахиздзинадæй фæцис

Тæрхонон дау  Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ, адæймаджы барты  Европаг тæрхондоны  Гуырдзыстоны уæлахиздзинадæй фæцис – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа  «Фейсбукы» фыссы.

«Абон Гуырдзыстоны иууыл ног историйы  сегасдæр нысаниуæгджын бон у !  Тæрхонон дау  Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ, адæймаджы барты  Европаг тæрхондоны  Гуырдзыстоны уæлахиздзинадæй фæцис!  Ай у нæ иумæйаг уæлахиздзинад! – фыссы  Гиорги Гахариа.

2008 азы  хæсты хъуыддагыл  Страсбургы  тæрхондон  уынаффæ фехъусын кодта.  Гуырдзыстоны Юстицийы министрады  информацимæ гæсгæйæ,   адæймаджы  барты  Европаг Тæрхондон сразы ис  Гуырдзыстоны домæнимæ, цæмæй Уæрæсе  2008 азы  августы  хæсты рæстæджы адæймаджы барты Европаг конвенцийы æнæ иу стати  хæлдта.