«Евроньюс» - Европарламенты  æвзæрстыты   историйы  фыццаг хатт,  дыууæ  сæйраг  къордмæ  коалицийы формирдзинадæн хъæугæ фылдæры хай нæ уыдзæн
«Евроньюс» - Европарламенты æвзæрстыты историйы фыццаг хатт, дыууæ сæйраг къордмæ коалицийы формирдзинадæн хъæугæ фылдæры хай нæ уыдзæн

Европарламенты  æвзæрстыты   историйы  фыццаг хатт,  дыууæ  сæйраг  къорд «Социалисттæ æмæ Демократтæ»  æмæ  «Европæйы Адæмон Парти»   коалицийы  формирдзинадæн   хъæугæ  фылдæры хай нæ райсдзысты.  Развæлгъау  аргълæвæрдыл æнцойæ,  информаци хæлиу кæны  «Евроньюс».

Евроцæдисы  бæстæты  цæрджыты  активондзинады  æмтгæйон  æвдисæг, 51 процент  уыд.

Германийы  æмæ  Ирландийы  бæрæггæнæнтыл æнцойæ,   европарламенты  ног  сконды,   фидар позицитæ  уыдзæн  Цъæхты  Партимæ.

Евроньюс  фыссы,  цæмæй   Евроцæдисы  ног парламенты,   либералон  къорд  «Алде»  уыдзæн сеппæтæй  фидардæр дæр  политикъон ахадæг.

Европарламенты  æвзæрстытыл схъæлæс кæныны   фæстиуджытæ  цæлдæр бæстæйы   бæрæг сты.   Эгзитполтæм гæсгæ, Францы,  Европарламенты  æвзæрстыты  лидер у Марин Ле Пены  партий. Европарламенты  бынæттæ   райстой   Каталонийы  сепаратист лидертæ.