Телекомпани «Евроньюсы» эфиры, Окацейы каньоны тыххæй уæрæх репортаж ацыд
Телекомпани «Евроньюсы»  эфиры,  Окацейы  каньоны тыххæй  уæрæх репортаж ацыд

Телекомпани «Евроньюсы»  рубрикæ  «Цауты»  Гуырдзыстоны тыххæй  радон  сюжет  ацыд.  Серий  «гуырдзыстойнаг цаутæ»  Окацейы  каньюны  фæдыл  радзурынц  кæсджытæн.

«Кутаисмæ хæстæг уæвæг   ацы  ран  номдзыд у  арф  канбонтæй, хъæды  цадтæй  æмæ  æндæр  алæмæттаг   æрдзон   фендтагæй» –  дзуры «Евроньюсы» репортер Дэнис  Локтьер.

Репортажы мидæг банысангонд у, цæмæй  Окацейы  сæрыл ауындзгæ   800 метры  дæргъы  хидыл, афæдзы дæргъы 150 мин турист  ацæуы. Репортажы  авторы  ныхæстæм гæсгæ, уымæн цæмæй  ацы ран  туристтæн  ноджы  фылдæр  зæрдæмæдзæугæ  суа, хиды  хай  план кæнынц   рухсдзыд  скæнын.

«Евроньюсы» уацхæссæг  хиивхæрсыны  экстремалон хызæгты уарзджытæн  æнхъары, Гуырдзыстоны  сеппæтæй   бæрзонддæр  æхсæрдзæнæй  хи руадзын.

Рубрикæ «Гуырдзыстойнаг  цаутæ»  æрцæттæ ис Гуырдзыстоны  экономикæ æмæ   æнæцудгæ тынгады  министрады æмæ  туризмы  администрацийы  æххуысæй.   «Евроньюсы» эфиры  банысангонд рубрикæйыафтæдæр лæвæрд æрцыд  репортажтæ  «Мтиралайы»  националон паркы, Гудаурийы æмæ   Батумы тыххæй.