Евроцæдисимæ æнæвизæ змæлдæй пайдагæнæг бæстæты æмбæстæгты бахъæудзæн бар райсын æмæ авд евро бафидын
Евроцæдисимæ   æнæвизæ змæлдæй  пайдагæнæг  бæстæты æмбæстæгты бахъæудзæн бар  райсын  æмæ  авд евро бафидын

Европæмæ   æнæвизæйæ  абалц кæныны агъоммæ,  æнæвизæ змæлдæй  пайдагæнæг  бæстæты æмбæстæгты бахъæудзæн барлæвæрд райсын  æмæ  авд евро бафидын.  Æмбæлон   бадзырдмæ абон æрцыдысты  европарламент æмæ  Евройæдисы совет.

Публикацигонд пресс-релизы  куыд у банысангонд афтæмæй,   уыцы  бæстæты  æмбæстæгты, кæцытæ Евроцæдисиммæ  æнæвизæ  змæлды бадзырдæй пайда кæнынц,   Европæмæ абалц кæныны  размæ, авторизаци ацæуынæн, онлайн анкетæ баххæст кæнын æмæ авд евро бафидын бахъæудзæн.

«Анкетæмæ хаст  информаци автоматон режимы  æрцæудзæн сгæрст Евроцæдисы æмæ Интерполы  бæрæггæнæнты базæйы,  кæ1цыйы  бындурыл   сбæрæг уыдзæн,  ис æви нæ  конкретон æмбæстагæн  Европæмæ  бацæуыны бар. Кæд системæ  гуырысхойаг ницы  ссардта,   Европæмæ   ацæуыны барлæвæрды  æмбæстаг райсдзæн æнæаргъæвгæйæ. Еворлпæмæ балц кæныны  авторизаци  лæвæрд цæуы  æртæ азы  æмгъуыдæй» – дзырдæуы пресс-релизы.

Ацы рæстæджы, еврокамисы куыд дзурынц афтæмæй,   уыцы цауы кæд æмæ   анкетæйы бавдыст   информаци  нымад æрцæудзæн гуырысхойагæй,  уæд æй  сæрæй басгардзысты.  Ацы  цауы   европæмæ  ацæуынæн   барлæвæрды райсыны æмгъуыд у 96  сахат, кæнæ та 4  боны.

Фыццаг этапыл  Европæмæ балц кæныны  бар райсын  уыцы  æмбæстæгты бахъæудзæн,   кæцытæ  балц кæнынц хæдтæхæг кæнæ науæй. Системæйы  скусын кæнынæй æртæ азы сæрыл аналогион документы  басгарын хæсджын уыдзысты  автобусты уыцы компанитæ,  кæцытæ æхсæнадæмон рейсытæ æххæст кæнынц.

Еврокамисы  пресс-релизы куыд дзырдæуы афтæмæй,   Европæмæ балцы  информацион  æмæ   атворизацийы  системæ (ETIAS)-ы  фæдыл  европарламентимæ  бадзырды фæстæ,  документæн хъуамæ  схъæлæс кæной  европаралменты  депутаттæ.

Европæмæ  балцы  информацион  æмæ авторизацийы  системæ  2020 азæй скусдзæн.