Джуаншер  Бурчъуладзе – Цæугæ азы кæронмæ  нæм æрбафтдзæн  уæлдæфон  хихъахъхъæды  модернизацигонд системæтæ
Джуаншер Бурчъуладзе – Цæугæ азы кæронмæ нæм æрбафтдзæн уæлдæфон хихъахъхъæды модернизацигонд системæтæ

Нысаниуæгджын  къахдзæфтæ  аразæм  уæлдæфон хъихъахъхъæды фæрæзты  фæтынг кæныны  нысанæн, цæмæй  бахъахъхъæнæм фидардзинад æмæ  нæхицæй  тыхджындæр  ныхмæлæууæгимæ  хæцыны  фадæттæ –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  министр  Джуаншер   Бурчъуладзе  закъондæттæг  органы, «Министри сахаты» форматы  раныхасы рæсæтджы  загъта.

Бурчъуладзе уæлдæфон   хихъахъхъæды  фæрæзтæ фæтынг кæныны  æрдгæй,   уагдоны  цæугæ  процесстæ  базонын кодта  закъондæтджытæн.

Джуаншер  Бурчъуладзе  йæ  хъусдард раздæхта  уæлдфон  хихъахъхъæды системæтæ балхæды  контексты  Израилы   ставддæр  æфсæддон индустрийы  минæвæрттимæ   активон  куысты æрдæм.

«Цæугæ азы  кæронмæ  нæм æрбафтдзæн  уæлдæфон хихъахъъæды  «Рафаэлы»  модернизацигонд системæ.  Афтæма  плангонд у нырыккон  ахæссæн  зенитон  ракетон  комплексты  балхæд, кæцыйæ ифтонггонд уыдзысты  маневрон   хайадтæ.  Уый  цæй зæгъын æй хъæуы   Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты  тактикон  хайадты  бирæ эффективондæр скæндзæн».

Уæвæг  системæты  модернизацийы  æрдгæй  та,  Джуаншер  Бурчъуладзе францаг  контракты тыххæй   фæныхас кодта, кæцыйы  дыккаг   фазæ  цæугæ азы  фæуыдзæн.

Министр куыд банысан кодта афтæмæй,   контракты  фæлгæтты,  хъахъхъæнынады тыхтæм нырид ис  францаг уæлдæфон   рагысгарæг  радартæ, мобилон  командыгæнæн пункт  æмæ «Мистрал-3»-йы  типы ракетæтæ  æдмашинæтæ.

«Æрфидар кæндзыстæм  нырыккон  фæктдæттыны, контрол æмæ   коммуникацийы  (С3) системæ, кæцы ахъаз уыдзæн  фидæны  НАТО-ы иууон  фæткдæттыны  æмæ контролы системæмæ интеграцийæн» – райхъусын кодта   Джуаншер  Бурчъуладзе.