Дональд Трамп,  Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы  финансдзинад  уромы
Дональд Трамп, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы финансдзинад уромы

АИШ-ы президент  ратта бардзырд, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организацийы  финанс кæнын   фæурæды  фæдыл.

Уый тыххæй  хъусинаг   Дональд Трамп   Урс  хæдзары   лæвæрд  пресс-конференцийы рæстæджы сарызта.  Йæ ныхасмæ гæсгæ,  зæгъгæ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организаци. Коронавирусы  фæдыл, афойнадон æмæ æмбæлгæ  информаци  нæ  райхъусын кодта.

Трампы  куырдиатмæ гæсгæ,  Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организациы  рæдыдтыты  фæстиуæгæн, АИШ-ы  æмæ  Æппæт Дунейы   тынг бирæ  адæм  фæмард.

«Америкаг  фидтонтæ фидæг  адæм Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организацийы  бюджетмæ  афæдзы мидæг  400-500  милуаны  бахæссынц.  Абарынæн,  Китай  æрмæст 40 милуаны  фиды. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организаци  нæ  бахъом ис  райсын, рабæлвырд кæныны æмæ  дунейæн  фехъусын кæнын   информаци æмæ  Китайы  вирусы  цаутыл æууæнкаг фæдæвзарæн  нæ  ауагъдтой.  Уыдон æрмæстдæр  рафæлхат кодтой  идея, цыма  вирус   адæймагæй  адæймагмæ нæ  хæцы, æнæкæсгæ  уымæ æмæ  уыдис  бæлвырдгæнæнтæ.  Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организаци  нæ сыххæст кодта сæрмагонд хæстæ æмæ   уый тыххæй  дзуаппмæ  лæвæрд хъуамæ æрцæуа», –  райхъсын кодта   Дональд Трамп.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ бирæ бæстæтæ  сæ  зæрдыл бадарттой   Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организацийы  рекомендацитæ æмæ  сын ныр «нæуырниаг проблемæтæ ис».