Брюсселы æхсæнадон тыгъдадты  маскæ  дарын ссис  æнæмæнгхъæугæ
Брюсселы æхсæнадон тыгъдадты маскæ дарын ссис æнæмæнгхъæугæ

Бельгийы сæйраг  горæт Брюсселы «Ковид-19»-æй инфицирады  цауты нымæцы  æрвылбойнон  рæзты тыххæй,  æхсæнадон тыгъдадты   æнæмæнгхъæугæ  кодтой   медицинон маскæ дарын. Информаци хъусын кæны  рауагъдад «Гардиан».

Ног регуляцимæ гæсгæйæ,  маскæ дарын  æнæмæнгхъæугæ уыдзæн  скверты æмæ  уынгты.

Фæстаг бæрæггæнæнтæй,  Бельгийы  сæйраг горæты  100 000 цæрæгыл, вирусы  50  цау фиксир кæны.

Æмтгæй райсгæйæ  вирусы  ахæлиуæй  абоны онг, Бельгийы  «Ковид-19»-ы 75 008  цау  сбæлвырд ис, фæмард 9 885 пациент.