«Блумберг» -  Евроцæдисы арæнтæ минимум  дыууæ  къуырийы дæргъы  æхгæд уыдзысты,  æрмæст  а.х.  æдас бæстæты  номхыгъдæй   цалдæр бæстæ  ацух кæндзысты
«Блумберг» - Евроцæдисы арæнтæ минимум дыууæ къуырийы дæргъы æхгæд уыдзысты, æрмæст а.х. æдас бæстæты номхыгъдæй цалдæр бæстæ ацух кæндзысты

Евроцæдисы арæнтæ  минимум  дыууæ  къуырийы дæргъы  æхгæд уыдзысты,  æрмæст  а.х.  æдас бæстæты  номхыгъдæй   цалдæр бæстæ  ацух кæндзысты.  Уый фæдыл  информацийы   анонимон  ратæдзæныл  æнцойæ хъусын кæны  «Блумберг».

Журналисттимæ ныхасы  рæстæджы европаг   бæрзонд гæстæ  дзурынц, цæмæй  Евроцæдис хъавы,  уæнг паддзахадтæм  бацыд фæтобæ кæнын Канадæйы, Китайы, Японийы  æмæ Хуссар Кореяйы  æмбæстæгтæн.  Ацы падзахадтæ  ныртæккæ  сты  уыцы  13  æдас бæстæйы æхсæн,  кæцыты æмбæстæгтæн  Евроцæдисы территоримæ ныццæуыны бар ис.

Уыдонæй уæлдай ма, ацы  номхыгъды ис Гуырдзыстон, Алжир, Марокоо, Ног Зеланди, Руанда, Тайланд, Тунис æмæ Уругвай.

Хæлиу кæны  хъусинаг, цæмæй номхыгъдæй  гæнæн ис  сыппарой  Алжир æмæ Марокко дæр.