Биньямин Нетаньяху Иранмæ бартъхъирæн кодта
Биньямин Нетаньяху Иранмæ бартъхъирæн кодта

Биньямин Нетаньяху Иранмæ бартъхъирæн кодта.  Израилы  премьер-министр   иуæй-иу  авиа-базæмæ фæуазæг ис æмæ  хæцæн хæдтæхæг Ф-35-ы  фоныл журналисттæн   ратта интервью.

Медиимæ  ныхасы рæстæджы, Биньямин Нетаньяху  банысан кодта, цæмæй  цъус рæстæг размæ  зæгъгæ сæм Иран æртъхъирæн кодта  скуынæг кæнынæй.

«Уæ зæрдыл хъуамæ  дарат цæмæй  ацы  хæстон  хæдтæхджытæн сæ бон у  Æввахс Скæсæны  кæцыфæнды  ранмæ  атæхын,  уый нымæцы Иран дæр  ис æмæ Сирий дæр»,- райхъусын кодта Биньямин Нетаньяху.

Израилы  премьер-министры  фидиуæн фæстаг бонты  айтынггонд фæзындтимæ баст у.  Æвдæм июлы  официалон Тегеран  атомон бадзырды фæстиуæгæн  ууыл æвæрд  бæгъдуан  фæкаддæр  кæныны фæдыл райхъусын кодта.  Сæрмагондæй   та  ураны   сбонджын кæныны  æвдисæг,  бадзырдæй  бæрæг  3,67 процентæй  бæрзонддæр  райрæзын кодта.

Фæнысангонды, Тегеран уый фæстæ ахицæн кодта,  Дональд Трампы  уынаффæйæ, Америкæйы Иугонд Штаттæ   атомон фарстамæ гæсгæ бадзырдæй  куы рацыд  æмæ  уымæй рæхджы Ираны  Исламы Республикæйы ныхмæ  санкцитæ куы  скусын кодта.