Азербайджаны æнæрадон парламентон æвзæрстытæ цæуынц[фото]
Азербайджаны æнæрадон парламентон æвзæрстытæ цæуынц[фото]

Азербайджаны  æнæрадон   парламентон æвзæрстытæ цæуынц.  5573  фадыг, бынттон рæстæгæй   08:00 сахатыл  байгом сты.  Æвзæрстыты  хъæлæскæнынады  бар   ис  фондз  милуанæй  фылдæр  æвзæрстгæнæгæн.

Азербайджаны  Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийы  куыд банысан  кодтой  афтæмæй,    зæгъгæ æвзæрстытæм регитсрацигонд  сты  рекордон  нымæцы  кандидаттæ.  Сæ нымæц  у 1314.

Æвзæрстытæ   цæуынц  мажоритарон   системæйæ.  Сæрмагонд кандидатурæ   раразмæ  кодтой  20  политикон партийы.  Афтæдæр дзы  бирæ  сты  хæдбар кандидаттæ.

Развæлгъау  прогнозæй,   125  бынатджын  Мили Меджлисы   фылдæр бынæттæ  райсдзæн   хицаугæнæгн  парти  «Ног Азербайджан»

Эгзитполтæ ауадздзысты  æртæ  компанийы.   Æвзæрстытæм  цæст дарынц   77 000   бынæттон  æмæ  880-йæ  фылдæр æхсæнадæмон   цæстдарæгы.   Сæ  нымæцы  ис  ЕÆÆО-ы  æмæ  Европæйы  Советы  парламентон ассамблейы  мисси.   Сæ  аргълæвæрд  бæрæг  уыдзæн   къуырисæры.