АИШ-ы æвзæрстгæнджыты  коллеги  президентон æвзæрстыты  уæлахизгондыл банымадта Джо Байдены
АИШ-ы æвзæрстгæнджыты коллеги президентон æвзæрстыты уæлахизгондыл банымадта Джо Байдены

АИШ-ы æвзæрстгæнджыты  коллеги  306 хъæлæсæй  232-ы ныхмæ  президентон æвзæрстыты  уæлахизгондыл банымадта Джо Байдены. Информацийы  хъусын кæны «ВВС».

Фæстаг штат  цы ран ацыд хъæдæскæнынад  уыд Калифорни, кæцы 538 хъæлæсджын  æвзæрстгæнджыты коллегийы  55  хъæлæсæй  у бавдыст. Растдæр Калифорнийы  фæрцы  бантысти  Джо Байденæн  уæлахиздзинадæн хъæугæ  270  хъæлæсæй  фылдæр рымбырд кæнын.

Коллегийы  бæлвырд  фæстиуджытæ  официалонæй  6 январы   райхуъсын кæндзысты, 20 январы та   президенты  инаугураци  ацæудзæн  æмæ Джо Байден  официалонæй  ахиздзæн Урс Хæдзармæ.