АИШ-æ Ираны  Революцийы хъарагъулы корпус терористон организациты номхыгъдмæ бахаста
АИШ-æ Ираны Революцийы хъарагъулы корпус терористон организациты номхыгъдмæ бахаста

Америкæйы  иугонд Штаттæ, Ираны  Революцийы хъарагъулы  корпус  терористон организациты  номхыгъдмæ бахаста.  Уый фæдыл   дзырдæуы  Урс Хæдзары  ахæлиугонд  фидиуæны.

«АИШ-ы  паддзахадон департаменты   арызт ацы къахдзæф, æцæгæй дæр гæнæ ис  банымайын куыд   разыдзинад  уыйимæ, ома Иран у  æнææрмæст терроризмы  спонсор  паддзахад, фæлæ  ма  уыйимæ дæр, цæмæй  Ираны  Революцийы  ХЪарагъулы корпус,  активон хайад исы,  финанс сæ  кæны  æмæ  сæ  фарс  хæцы  терроризмæн» – дзырдæуы   АИШ-ы  президент   Дональд Трампы  идиуæны, кæцыйы  публикаци кæны УРс Хæдзар.

Дональд Трампы дзырдæй, зæгъгæ  ацы  уынаффæ,   Ираныл æлхъывдад фæтхджындæр кæнынæн æрцыд ист.

«Кæд сæмах æмкуыст кæнут  Ираны Революцийы  Хъарагъулы корпусимæ, уæд сымах финанс кæнут терроризм» – райхъусын кодта Дональд Трамп.

Йæхи æрдгæй  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар,   Майк Помпео райхъусын кодта, цæмæй АИШ-æ  адарддæр кæндзæн   ИРанмæ хъомыс дарын  æмæ  санкциты  политикъæ уадзын.  Уый  æмцæдисонтæм дæр æрсидтис   аналогион  архæйдтытæм.

«Мах хъуамæ баххуыс кæнæм Ираны цæрджытæн,  сæхимæ æрыздахой  сæ сæрибардзинад» – ныффыста  Мйк Помпео «Твиттеры».

Ираны Революцийы   хъарагъулы корпус  Исламы Республикæйы   армийы  элитон  дæлхайад у.  Уый  Исламон реводлюцийы фæстæ,  1979 азы  æрцыд бындурæвæрд . Хъарагъулы  корпус  Ираны   нысаниуæгджын  æфс æддон, политикъон æмæ экономикон тых у.  ИРаны Революцийы фæстæ  хъарагъулы  корпусæн  къуындæг цæдистæ  ис  Ираны  удон лидер Аятола  Али Хаменейимæ.