Æддæ хъуыддæгты министрад Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæдзæхсы, Ливимæ балц кæнынæй сæхи бауромой
Æддæ хъуыддæгты министрад Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæдзæхсы, Ливимæ балц кæнынæй сæхи бауромой

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæдзæхсы, цæмæй  Ливимæ  балцæ кæнынæй  сæхи бауромой.

Уагдоны ахæлиугонд информацийы  куыд дзырдæуы афтæмæй,  бынатыл сырæзт уавæры тыххæй,  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад цух  у фадæттæй, алы æмбæлгæ амæлттæй  баххуыс кæна  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Ливийы  территорийыл.

«Ливийы æдасдзинады æрдгæй  сырæзт уæззау  уавæры тыххæй,   Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрад  сиды  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, сæхи бауромой  Ливимæ балц кæнын æмæ  йæ  территориыл уæвгæйæ  бынативдæй, куыд сурзæхыд, афтæ уæлдæфон æмæ  денджызон транспортæй, уымæн æмæ бынатыл уæвæг уавæрмæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрад цух у  фæрæзæй, æнæмæнг цауы  баххуыс  кæна Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Ливийы  территорийыл»  – банысангонд у  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  ахæлиугонд фидиуæны.