Банкыты асоциаци фæлхасгæнджыты фæдзæхсы, Уæрæсейæ æрвыст суммæ, мызды  бæсты банкæй ма рахæссой, уымæн æмæ  фæнысангонд йæ  ныхмæ у Гуырдзыстоны закъондæттынадæн
Банкыты асоциаци фæлхасгæнджыты фæдзæхсы, Уæрæсейæ æрвыст суммæ, мызды бæсты банкæй ма рахæссой, уымæн æмæ фæнысангонд йæ ныхмæ у Гуырдзыстоны закъондæттынадæн

Гуырдзыстоны  банкыты  ассоциаици, Уæрæсейæ  æрвыст æхцайы мызды  бæсты  организацийæ рахæссыны æнæзакъонондзинады фæдыл  фæдзæхсы.

Ассоциаци Гуырдзыстоны лицекнзиргонд  банкыты номæй   хъусын кæны, цæмæй   фæнысангонд  архайд Гуырдзыстоны  закъондæттынадæн  йæ  ныхмæ цæуы  æмæ  гæнæн ис, конкретон   уæнгы хынцы сыхгæдæй  æмæ санкциты  бындурæй суа.

«Фæстаг периоды фæарæх сты цаутæ,  физикон уæнгтæ, кæцытæ  Гуырдзыстоны лицензиргонд  коммерцион банкты  лæггадæй   пайда кæнынц,  бæрæг  мызды бæсты,  æбæрæг уæнгты сæрмагонд  банкъон хынцмæ  рæрвитынц  суммæтæ æмæ сæ æндæр æмæ æндæр амæлттæй  суммæтæ рахæссын  курынц. Фæнысангонд типы суммæтæ фылдæр æрвыст сты Уæрæсе Федерацийæ.

Гуырдзыстоны  Банкыты ассоциаци, Гуырдзыстоны  лицензиргонд  коммерцион  банкыты номæй,  фæдзæхсы   фæлхасгæнджыты, ома   уæлдæрбанысангонд  архайд  йæ ныхмæ цæуы  гуырдзыстоны архайæг  закъондæттынадæн  æмæ  ахæм   хъуыддаджы баст уæнгты æрдæм, гæнæн ис  слæууа  Гуырдзыстоны  закъондæттынадæй   бæрæг    бæрн.

Афтæма  коммерцион банкыты куысты  регулиргæнæг  уагæвæрды   æмæ  нормæтæм гæсгæйæ,   фæлхасгæнæджы   ахæм архæйдтытæ   гæнæн ис, йæ  хынц  сыхгæды æмæ  санкциты  бындурæй  суа.

Уæлдæрбанысангондæй дарддæр,  ацы типы  архайд  рискхæссæг у   физикон уæнгы  персоналон   æмæ  банкон   бæрæггæнæнты  конфиденциалондзинадæн, кæцы  рæзын кæны  æмбæлгæ физикон уæнгы  коммерцион банкты æвæрд активтæм фæлывдмигæнæгон   гæнæндзинад æмæ  риск.

Гуырдзыстоны  банкыты  ассоциаци сиды  фæлхасгæнджытæм, сæ зæрдыл бадарæт  ахæм  барадныхмæ  схемæты  уæвынад æмæ сæхи бауромæт  æнæзакъонон бадзырды  хайад райсынæй», – хъусын кæнынц  банкыты ассоциацийы.