Энтони Блинкен  Уæрæсейы фæдзæхсы, ома Украинайы ныхмæ агрессийы дзуаппæн, Америкæйы æмæ йæ  æмцæдисонты æрдгæй  уыдзæн дзуапп, уымæй уæлдай ма, фæстиуæг уыдзæн тынг уæззау
Энтони Блинкен Уæрæсейы фæдзæхсы, ома Украинайы ныхмæ агрессийы дзуаппæн, Америкæйы æмæ йæ æмцæдисонты æрдгæй уыдзæн дзуапп, уымæй уæлдай ма, фæстиуæг уыдзæн тынг уæззау

Америкæйы  Иугонд Штатты  паддзахадон нымæрдар  Энтони Блинкен  Уæрæсейы фæдзæхсы, ома  Украинайы ныхмæ агресси, АИШ-æй мææ йæ æмцæдисонты æрдгæй æнæдзуапп нæ баззайдзæн, уымæй дарддæр  ма,  фæстиуджытæ  Уæрæсейæн уыдзысты  тынг уæззау.

Энтони Блинкены дзырдæй, зæгъгæ, Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  министримæ сæ фембæлд  уыд  зæрдæргом.

«Хъуыды кæнын, цæмæй нын уыдис  комкоммæ, зæрдæргом  полемикæйæ цух  ныхас. Ныхас уыд серьозон.  Уырны мæ, фæсарæн хъуыддæгты министр  ацы ныхасы  фæдыл  радзурдзæн Владимир Путинæн, æз дæр радзурдзынæн президент Байденæн  æмæ æвахс  фидæны  президенттæн æнхъæл дæн уыдзæн  ныхæй-ныхмæ   бадзырдты фадат  дæр. Фæстаг бонты куыд дзурæм афтæмæй,  се хсæн  фæсарæн хъуыддæгты министримæ фембæлды рæстæджы дæр  дырыс сфиксир кодтон, цæмæй Украинайы ныхмæ  Уæрæсейы  агрессийы тыххæй  уыдзæн  серьозон фæстиуджытæ, уый нымæцы  бæрзондэкономикон мадзæлттæ,  кæцытæ  райсын  раздæр нæхи урæдтам.  Уыдыстæм æмæ ныр дæр стæм  тыг дырыс,   ацы фæстиуджыты кой куы кæнæм уæд.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   Мæскуыйы  тынг  дзæбæх  зонынц  уыцы масштабы тыххæй, цæмæй  цы ис гæнæн» –  райхъусын кодта Энтони Блинкен.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  ныр раст  Уæрæсейыл  у баст  уæвæг  уавæры деескалаци.