Виктор Долидзе - Евроцæдисимæ дыууæрдæм змæлды фыццаг 6 мæйы статистикæ ныфсдæттæг у
Виктор Долидзе -  Евроцæдисимæ  дыууæрдæм змæлды фыццаг 6 мæйы статистикæ ныфсдæттæг у

Евроцæдисимæ дыуæрдæм змæлды фыццаг  æхсæз мæййы статистикæ ныфсдæттæг у  æмæ  проблемæ  нæй –  уый фæдыл  Европаг æмæ   евроатлантикон структурæтæм интеграцийы  фарстыты   паддзахадон миинстр Виктор Долидзе,  хицауады рабадты фæуды фæстæ  расидтис.

Виктор Долидзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   Гуырдзыстоны  хицауад кусы, цæмæй  адæймæгты  æмбаргæдзинад  сбæрзонддæр уа  æмæ æнæвизæ змæлды фæткъæвæрд бахъахъхæной.

«Европолимæ»  нын æцæгæйдæр нысаниуæгджын, хъауджыдæргонд æмкуыстдзинад ис.  Уыцы адæймагæты  , кæцытæ Шенгены зонæмæ  араст вæййынц æмæ стæй та Шенгены зонæйæ, кæнæ æндæр  ардæмадæй  æрыздæхынц, кæнæ бынтон нал æрыздæхынц  фæстæмæ, ахæм адæймæгты æххæст идентификаци скæнын иу не нтысы. Фæлæ мах  бахъом стæм, цæмæй  фыццаг 6 мæйы статистикæ æрымбырдл кодтам,  æмæ уый  ныфсдæттæг у.  Кусæм фидæны кампанийы  сплан кæнын, афтæдæр   сæххæст цæстæнгасæй, цæмæй  адæймагæты æмбаргдзинад  сбæрзонддæр кæнæм, æмæ мауал  халой  æнæвизæ змæлды  фæткъæвæрд, ма  æркурой  лигъдоны статус, уымæн æмæ  Гуырдзыстон  ныридæгæн нымадмæ ист æрцыд æдас бæстæйыл æмæ нæхицæн проблемæтæ ма сæвзæрын кæнæм. Ныфс мæ ис цæмæй не мбæстæгтæ уыдзысты æмбаргæ æмæ  кæд  ацы  процесс  афтæ адарддæр уыдзæн, куыд амæй размæ,   уæд уæ  бауырнæт,  цæмæй   æрмæст баахъаз кæндзыстæм Евроцæдисимæ  нæ мобилондзинады райрæзын кæнын»- загъта  Виктор Долидзе.