Андрес Мамыкинс - Гуырдзыстон у европæйаг паддзахад, европæйаг бинонты æмæ европæйаг культурæйы хай
Стыр ныфс мæ ис, цæмæй европæйаг лидертæ сæзæрдыл бадардзысты уыцы резолюцийы, кæцыйы райсдзæн европарламент, уæлдайдæр къухдариуæг кæндзысты мах хуызæн ахастæй « уый фæдыл европарламенты раныхасгæнæг Андрес Мамыкинс расидтис Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон у европæйаг паддзахад, европæйаг бинонты æмæ европæйаг культурæйы хай.
«сСæрыстыр дæн уымæй æмæ нæм Гуырдзыстонимæ нæй ахæм проблемæтæ, цахмдæр нын ис дæнцæн Украинæимæ. Сæрыстыр æмæ амондджын дæн, Гуырдзыстон раст фæндагыл кæй лæууы æмæ дарддæр кæны реформæтæ уымæй. Хъуамæ фæарфдæр кæнæм Гуырдзыстонимæ экномикон æмæ политикон цæдистæ. Уый хъуамæ уа махæн нæ рард æмæ нæ нысан. Еврокамисы президентимæ æнæофициалон фембæлд мын уыд. Мæ коллегæ, Жан Клод Юнкеримæ фембæлдыл евроцæдисы Гуырдызстоны уæнгсуæвыны фарст бавдыста. Евроцæдисы президент нын загъта, цæмæй уый саразын йæ президентон æмгъуыды гæнæн нæй. Фæнды мæ зæгъон уын, цæмæй политикон уавæр кæддæриддæр ивы. Махæн уыдзæн Еврокамисы ног8 президент» – расидтис Андрес Мамыкинс.
Европарламентар ныфсджын у, цæмæй кæддæр Гуырдзыстон æнæмæнгæй суыдзæн Евроцæдисы уæнг.