Журналисттыл тыхмидзинады  зылынмæ лæвæрд æртæ уæнгæн ахст стæрхон кодтой
Журналисттыл тыхмидзинады зылынмæ лæвæрд æртæ уæнгæн ахст стæрхон кодтой

5 июлы,  журналистты ныхмæ тыхмидзинады  зылынмæ  лæвæрд   æртæ уæнгæн   стæрхон кодтой  ахст.  Фæнысангонды  фæдыл уынаффæ  Тбилисы  горæты  тæрхондоны тæрхонгæнæг  рахаста.

Бакой уын кæндзыстæм, зылынмæ лæвæрд  æртæ уæнгы æхсæн ис  скутеры тæрæг,  кæцы  5 июлы Руставелийы  проспектыл  архайдта, медийы  минæвæртты æмæ сæ нымæцы Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  исæг къордты  скутерæй скъуырын  архайдта.

Мидхъуыддæгты министрады официалон  информацийæ,  Тбилисы  пъæлицæйы  департаменты  æмæ  зæронд  Тбилисы  сæйраг  уагдоны кусджытæ,  агурæн æмæ фæдæвзарæн  амæлтты фæстиуæгæн, Тбилисы  Руставелийы проспектыл  ацæугæ  акцийыл, медиафæрæзты   ныхмæ  сыххæст физикон  тыхмидзинады   æмæ тыхмидзинадæй æртхъирæнтæй сын  профессион    куысты  æнæзакононæй  бахъыгдарыны фактыл,  æртæ уæнгы: раздæр  тæрхонмæлæвæрд  1982 азы гуырд  М.Д., 1983  азы гуырд  З.Чъ, æмæ  афтæдæр раджы тæрхонмæ лæвæрд  1979 азы гуырд  З.М-ы æрцахстой. МХМ-ы  хуъсинагæй,  фæдагуырд цæуы  тугтæрхоны барады   кодексы  154-æм статийы  дыккаг  хаййæ  æмæ 126-æм статийы  фыццаг хайæ.