Жозеп Борел – Украина æмæ Молдовæ райсдзысты кандидаты статус, афтæ æмæ дзы ис хицæн домæн æмæ уый сыххæст уыдзæн, Гуырдзыстонæн афтæдæр бæрæг уыдзæн фæндаг Евроцæдисмæ
Украина æмæ Молдовæмæ лæвæрд уыдзæн кандидаты статус уыцы тæлæнæй, ома ис иуæй-иу домæн æмæ уый сыххæст уыдзæн, Гуырдзыстонæн афтæдæр уыдзæн дырыс фæндаг Евроцæдисмæ – уый фæдыл æддагон политикæ æмæ æдасдзинады фарстатæты евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борел райхъусын кодта.
Афтæма, Жозеп Борелы дзырдæй, абоны саммитыл ныхас уыдзæн Украинайы цæугæ хæсты фæстиуджытыл.
«Ныр мах фæныхас кæндзыстæм Молдовæ, Украина æмæ Гуырдзыстоны уæнгдзинады фарстайыл. Украина æмæ Молдовæмæ лæвæрд уыдзæн кандидаты статус уыцы тæлæнæй, ома ис иуæй-иу домæн æмæ уый сыххæст уыдзæн, Гуырдзыстонæн афтæдæр уыдзæн дырыс фæндаг Евроцæдисмæ. Фæныхас кæндзыстæм хæсты фæстиуджытыл, тынг катай кæнæм уый тыххæй. Хæринаг продуктты æргъты æмæ йæ дефициты цæстæнгасæй, Уæрæсе архайы кризис расайын, уымæн æмæ бирæ бæстæтæ баст уыдысты мæнæуыл. Разы сæтм ИНО-йы архайдимæ суæгъд кæна украинаг порттæ. Санкцитæ уырыссаг продукттæм не ххæссынц, фæлæ æргътæ æнæуромгæйæ рæзынц. Уый сæрмагондæй рахатинаг у Африкæйы, цы ран æргътæ райрæзтысты 60%-йы» – райхъусын кодта Борел.
Абон Брюсселы Евроцæдисы саммит ацæудзæн, кæцыйыл Европаг лидертæ, Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйæн Евроцæдисы уæнсуæвыны фæдыл куырдиæтты тыххæй уынаффæ хъуамæ рахæссой.
Ивгъуыд къуырийы Еврокомисси публикаци скодта æртæ ассоциацигонд бьæстæйы куырдиæтты фæдыл сæрмагонд аргълæвæрдтæ, кæцытæм гæсгæйæ, Еврокомисси Европаг Советын ратта рекомендаци,ома Украина æмæ Молдовæйæн раттой Евроцæдис ыуæнгтæм кандидаты статус, æнæмæнгæй сыххæсткæнинаг доментæй, æрмæст Гуырдзыстонмæ лæвæрд уа Европаг Перспективæ, аргълæвæрд, куыд æххæст кæны уый домæнтæ кандидаты статусы раттыны размæ.