Жозеп Борел – Украина æмæ Молдовæ райсдзысты  кандидаты статус, афтæ æмæ  дзы ис хицæн домæн æмæ уый сыххæст уыдзæн, Гуырдзыстонæн афтæдæр  бæрæг уыдзæн  фæндаг Евроцæдисмæ
Жозеп Борел – Украина æмæ Молдовæ райсдзысты кандидаты статус, афтæ æмæ дзы ис хицæн домæн æмæ уый сыххæст уыдзæн, Гуырдзыстонæн афтæдæр бæрæг уыдзæн фæндаг Евроцæдисмæ

Украина æмæ Молдовæмæ  лæвæрд уыдзæн кандидаты  статус уыцы тæлæнæй, ома ис  иуæй-иу  домæн æмæ уый  сыххæст уыдзæн, Гуырдзыстонæн  афтæдæр уыдзæн дырыс  фæндаг  Евроцæдисмæ – уый фæдыл  æддагон политикæ æмæ  æдасдзинады фарстатæты  евроцæдисы   бæрзонддæр  минæвар Жозеп Борел  райхъусын кодта.

Афтæма, Жозеп Борелы  дзырдæй,   абоны   саммитыл  ныхас уыдзæн  Украинайы  цæугæ  хæсты  фæстиуджытыл.

«Ныр мах  фæныхас кæндзыстæм Молдовæ, Украина æмæ Гуырдзыстоны  уæнгдзинады  фарстайыл.  Украина æмæ Молдовæмæ  лæвæрд уыдзæн кандидаты  статус уыцы тæлæнæй, ома ис  иуæй-иу  домæн æмæ уый  сыххæст уыдзæн, Гуырдзыстонæн  афтæдæр уыдзæн дырыс  фæндаг  Евроцæдисмæ. Фæныхас кæндзыстæм  хæсты фæстиуджытыл, тынг  катай  кæнæм уый тыххæй.  Хæринаг  продуктты æргъты  æмæ йæ дефициты  цæстæнгасæй,   Уæрæсе архайы  кризис  расайын, уымæн æмæ  бирæ  бæстæтæ  баст уыдысты  мæнæуыл.  Разы  сæтм ИНО-йы  архайдимæ  суæгъд кæна   украинаг порттæ.  Санкцитæ  уырыссаг  продукттæм не  ххæссынц, фæлæ   æргътæ  æнæуромгæйæ  рæзынц. Уый сæрмагондæй рахатинаг у Африкæйы, цы ран  æргътæ райрæзтысты 60%-йы» – райхъусын кодта Борел.

Абон Брюсселы Евроцæдисы саммит ацæудзæн, кæцыйыл  Европаг   лидертæ, Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйæн Евроцæдисы  уæнсуæвыны фæдыл куырдиæтты тыххæй  уынаффæ хъуамæ рахæссой.

Ивгъуыд къуырийы  Еврокомисси публикаци скодта  æртæ ассоциацигонд бьæстæйы  куырдиæтты фæдыл  сæрмагонд аргълæвæрдтæ, кæцытæм гæсгæйæ,   Еврокомисси  Европаг Советын  ратта рекомендаци,ома Украина æмæ Молдовæйæн   раттой  Евроцæдис ыуæнгтæм кандидаты статус, æнæмæнгæй сыххæсткæнинаг доментæй, æрмæст Гуырдзыстонмæ лæвæрд уа  Европаг Перспективæ,  аргълæвæрд, куыд  æххæст кæны уый домæнтæ кандидаты статусы  раттыны размæ.