Жозеп Борел – Æхсызгон мын уыд Ираклий Къобахидзейæн сфысым кæнын, æрцыд хъуыдыты баивд  Гуырдзыстоны фæразондзинадæн Евроцæдисы æххуысы фæдыл
Жозеп Борел – Æхсызгон мын уыд Ираклий Къобахидзейæн сфысым кæнын, æрцыд хъуыдыты баивд Гуырдзыстоны фæразондзинадæн Евроцæдисы æххуысы фæдыл

Æхсызгон мын уыд сфысым кæнын Ираклий Къобахидзейæн,  мæ сидт йæм уыди  фараст  къахдзæфы  сыххæсты фæтагъд кæнынмæ, сæ нымæцы   æвзæрстыты, æддагон политикæйы æмбæлондзинады æмæ фæсарæйнаг  информацион   манипуляциты  æмæ хифæкæныны ныхмæ   тохы æрдгæй – уый фæдыл  фæсарæйнаг хъуыддæгты  æмæ  æдадсзинады   политикæйы фарстаты  Евроцæдисы  бæрзонддæр   минæвар  Жозеп Борел социалон  хызагы фыссы.

Йæ дзырдæй зæгхгæ, Гуырдзыстоны  хицауады сæрадримæ  фембæлдыл   æрцыд  хъуыдыты лæмбынæг баивд.

«Æхсызгон мын уыд Ираклий Къобахидзейæн сфысым кæнын, кæцы  Гуырдзыстоны премьер-министры рангы  фыццаг визитæй  уыдис.  Уыд хъуыдыты баивд  реформæты  тыхархайдыл æмæ Гуырдзыстоны  фæразондзинадæн Евроцæисы  фарсдарыныл. Мæ сидт йæм удыис фараст къахдзæфы сыххæст фæтагъд кæнынмæ, сæ нымæцы  æвзæрстыты, æддагон политикæйы æмбæлондзинады æмæ фæсарæйнаг  информацион  манипуляциты æмæ хифæкæныны  ныхмæ тохы  æрдгæй» – райхъусын кодта Жозеп Борел.