Жозеп Борел -  Æрныхас кодтам, цæмæй 15 мин  украинаг æфсæддон  Евроцæдисы территорийыл ацæудзæн  бацæттæйы къурс
Жозеп Борел - Æрныхас кодтам, цæмæй 15 мин украинаг æфсæддон Евроцæдисы территорийыл ацæудзæн бацæттæйы къурс

Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ Украинайы  гарзджын тыхтæн  фарсхæцынæн  æфсæддон æххуысы  мисси саразыныл æрынхас кодтой. Миссийы  фæлгæтты, Евроцæдсиы  территорийыл  бацæттæ кæндзысты  15 мин украинаг  æфсæддоны. Æмбæлгæ  уынаффæ  Евроцæдисы  фæсарæн хъуыддæгты министртæ  Люксембургы  ацæугæ фембæлдыл  рахастой.

Европаг Советы  фидиуæнæй,   мисси сифтонг кæндзæн Украинаг  æфсæддæтты  индивидуалон, коллективон  æмæ спецализацигонд бацæттæйы курс.  Миссийы штаб  уыдзæн Брюсселы.

Миссийы  сæргълæууæг  Евроцæдисы æфсæддон сконды генералон   директор  Эрве Блежан уыдзæн.

«Фæнды мæ  дырысæй зæгъын, Украинайæн фарсхæцын у нæ сæйраг приоритет. Путин  саст ййафы  политиконæй, моралонæй, уымæ нæкæсгæ  уый дарддæр кæны  эскалаци, уый нымæцы æнæхъæн Украинайы  фæлгæтты  æмбæстагон  нысæнттæм бырстытæй.  Мах æрныхас кодтам, Евроцæдисы æфсæддон  æххуысы мисси саразыныл, Украинайы  гарзджын тыхтæн фарсхæцынæй.  Бацæттæй  курс  ацæудзæн европаг зæххыл, миссийы фæлгæтты  ахуыр ацæудзысты  15 мины  онг æфсæддон. Афтæма  æрныхас кодтам  уæлæмхасæй  500 милуан  евро рауæлдай кæныныл  Украинайы иргъæвæг тыхтæн   хæстæрмæгæй ифтонгад  стынг кæнынæн»  райхъусын кодта æддагон политикæйы æмæ  æдасдзинады  фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр  минæвар, Жозеп Борел.