Заур Даргал хъусын кæны, цæмæй Марнеулы  «Гуырдзиаг Бæллиццы» мажоритартæм кандидаты фæнадтой
Заур Даргал хъусын кæны, цæмæй Марнеулы «Гуырдзиаг Бæллиццы» мажоритартæм кандидаты фæнадтой

Марнеулы  муниципалитеты мажоритар  депутат Заур Даргалы  хъусинагæ,   зæгъгæ  Марнеулы  хъæу  Садахлойы  «Гуырдзиаг  Бæллиццы»  мажоритартæ кандидат  Ровшан  Искандаровы  фæнадтой.

Заур Даргалы дзырдæй,  зæгъгæ Искандаровы   фæнадта  «Националон Змæлды» уæнг Лаша  Квеладзе.

«Националон Змæлд»   райдыдта   радон провокацитæ.  «Националон Змæлды»  номхыгъды   дыккæгæм номырæй уæвæг  Лаша Квеладзе, абон хъæу Садахлойы   фæнадта  нæ  мажоритартæм кандидаты, кæцы закъоны фæлгæтты  йæм æрсидтис, цæмæй  ахорæнтæй  ма ныффыстаит  скъолайы  къулыл  ныффыст  «Миша  æрцу,  схъæлæс кæнут «Националон Змæлдæн».  Сидты  фæстæ  райдыдта хыл.  Нæ кандидатæн цæф сты  йæ  риу æмæ   цæсгом» – райхъусын кодта Заур  Даргал.

Инциденты  фæдыл  «Нацоналон Змæлды» хъусын кæнынц, цæмæй  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  уæнгтæ  сæм балæбурдтой.  «Националон Змæлды»  уæнг Лаша Квеладзе  ацы рæстæгмæ  уæвы  Марнеулы  пъæлицæйы  æмæ барадхъахъъхæнджытæн  æвдисæндзырдтæ  дæтты.