Марнеулы Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  операторы,  физикъонæй бафхæрдтой æмæ йын видеокамерæ ныцъцъæл кодтой
Марнеулы Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы операторы, физикъонæй бафхæрдтой æмæ йын видеокамерæ ныцъцъæл кодтой

Марнеулы Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  исæг къорды  видео-камерæ  ныцъцъæл кодтой  æмæ  операторы физикъонæй бафхæрдтой.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы   уацхæссæг куыд  хъусын кæны афтæмæй,   цау, «Гуырдзиаг Бæллиццы» æмæ  «Националон Змæлды»   активистты  æхсæн быцæудзинады рæстæджы  æрцыд.

Инциденты  хайадисæг  иуæй-иу  гоймаг  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы   оператормæ балæбурдта, фæнадта йæ æмæ  йын йæ камерæ ныцъцъæл кодта.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  исæг къорд  ацы  рæстæгмæ  уæвы  пъæлицæйы  æрфарстыл.

Уыдонæй  уæлдай ма,  фæцæф сты  цалдæр адæймагæй, сæ нымæцы   «Мтавари Архи»-ы  журналист дæр.