Марнеулы 52-æм  æвзарæнон фадыгыл  дзырдæй æмæ физикъон быцæудзинад сырæзт
Марнеулы 52-æм æвзарæнон фадыгыл дзырдæй æмæ физикъон быцæудзинад сырæзт

Марнеулы,52-æм  æвзарæнон фадыгыл   дзырдæй  æмæ физикон  быцæудзинад  сырæзт.   Кæрдзимæ фесты  «Националон Змæлды»  æмæ  «Гуырдзиаг Бæллиццы»   фарсхæцджытæ.

Быцæудзинады фарсытæ  кæрæдзийы  аххосджын кодтой,   цымæ  æвзæрстгæнджытæн амыдтой цæмæй  кæцы  номыр  æрхаххкодтаиккой.

«Националон Змæлдæй»   Нияз Гулиев   райдыдта  хыл кæнын æмæ   æвгтæ   фехста  Элвим Касумовыл.  Хыл уый тыххæй  райдыдта, æмæ  уыцы  лæг дзырдта,  цæмæй  фыццаг бауагъдтаиккой сылгоймæгты,  уый та  фенхъæлдта  цæмæй  кæмæндæр загхта  схъæлæс дам кæн.  Уый фæстæ  фехста   авг.  Цавæр у,  хæст у æви æвзæрстытæ.  Уыдон иууыл провокацийыл  удцырын сты»  загъта  иуæй-иу  æвзæрстгæнæг.

Æвзарæнон фадыгы   комисийы  сæрдар, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ  ныхасы  райхъусын  кодта, цæмæй  фадыгы мидæг периметрыл  инцидент нæ уыд, афтæма йæ  ныхæстæм гæсгæ,   хъææс кæныны  процесс  нæ фæкуылымпы ис  æмæ æддæйææрцæугæ  инциденттæ йæ  компетенцийæ  хизынц.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  журналисты информацийæ,   52-æм  æвзарæнон фадыгыл ацы рæстæгмæ  уавæр сабыр у, æддæ  периметрыл  та  лæууынц  барадхъахъхъæнджытæ.