Зæйы тыххæй Австрийы къахдзоныгъон курорты цур немыцаг къахдзоныгъæй цæуæг фæмардысты

Австрийы  къахдзоныгъон курорты цур рацæугæ зæйы амæттаг фесты  æртæ немыцаг   къахдзоныгъæй  цæуæг. Ноджы иу 28 аздзыд  нæлгоймагы  ацы  афонмæ  агурынц.  Информацийы агентад Reuters  полицийыл æнцойæ   хæлиу кæны.

Зæй  зымæджы  курорт  Лехы цур рацыд.  Фæмардуæвджыты уый фæстæ  ссардтой,  иуæй-иуы  бинойнаг  йæ  мойы  фесæфыны тыххæй   полицийæн куы  фехъусын кодта.

Ацы рæстæгмæ  боныхъæды фæфыддæры  тыххæй,   цауы  бынатыл  агурæн  куыстытæ   урæд  сты, фæлæ  ирвæзынгæнæг балы  хистæр ныфс æвæры, цæмæй  агуырды  сног кæнын  æртыццæгæй  бауыдзæн сæ бон.