Заал Удумашвили – «Гуырдзиаг Бæллиццы» цы фæндыд, уый йын бантыст, оппозици парламентмæ бахызтис
«Националон Змæлды» уæнг Заал Удумашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ «Гуырдзиаг Бæллицц» максималонæй бацархайдзæн, амнистийы законопроекты сæхи инициативæ сбæлвырд кæнын, уымæ нæкæсгæйæ, цы хъуыды кæндзæнис бадзырдыл къухбафыссæг оппозици.
«Цы федтам, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æнхъæлмæкæсинаг уыд «Гуырдзиаг Бæллиццы» æрдгæй, цæмæй растдæр ацы æрдæмадæй акодтаит уый аминистийы законопроект. Æмтгæй райсгæйæ цух нæу, цæмæй растдæр «Гуырдзиаг Бæллиццы» палрламентмæ бавдыст ацы уæззау инициативæ сбæлвырд уа, кæцы комкоммæ уыдзæн уыцы æрдæм здæхт, ома ныффыстмæ гæсгæйæ, цыфæнды интерпретаци йын раттæм, Мелиа баззайдзæнис ахæстоны æмæ иннæтæ та иууылдæр, сæ нымæцы 19-21 июны фыдракæнд чи кодта, ссæрибар уыдзысты тугтæрхоны бæрнæй.
Ай у мæнгард фæнд, кæцы нывæрдтой инициативæйы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныр уыдон максмалонæй бацархайдзысты ацы инициативæ кæронмæ бакæнын уымæ нæкæсгæйæ, цы хъуыдыйыл уыдзæнис бадзырдыл къухбафыссæг оппозици парламенты», – банысан кодта Заал Удумашвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Ника Мелиайы ссæрибар кæнын ныр у хицауады фæндыл баст. Уый ма бафтыдта, ома Гуырдзиаг Бæллиццы сæйраг нысан зæгъгæ у Мелиайы куыд гæнæн ис, афтæ стыр рæстæгæй ныууадза ахæстоны, цалынмæ амнистийы закъон не сбæлвырд уыдзæн уæдмæ.
Заал Удумашвилийы аргълæвæрдмæ гæсгæ, законоппроекты тыххæй позициты сразы кæнын баст у бадзырды къухбафыссæг оппозицийыл, фæлæ йæхæдæг хъуыды кæны, цæмæй позицитæ кæрæдзимæ баввахс кæнын нæ бантыстдзæнис.