Заал Удумашвили – Ныффысты мидæг ис  гæнæн уæззау  фыдаркæнды  миниуджытæ  æмæ уымæн хъæуы  æнæаргъæвгæ фæдагуырд
Заал Удумашвили – Ныффысты мидæг ис гæнæн уæззау фыдаркæнды миниуджытæ æмæ уымæн хъæуы æнæаргъæвгæ фæдагуырд

Ныффыстæй  бæрæг кæны  уæззау  фыдракæнды  миниуджытæ  æмæ уымæн хъæуы æнæаргъæвгæйæ   фæдагуырд, цалынмæ фæдагуырд фæуыдзæн, алы фигурант, чидæриддæр ныффысты мидæг ис,  йæ пост хъуамæ ныууадза –  уый фæдыл  «Националон Змæлды»  иуæй-иу  уæнг Заал Удумашвилийы  райхъусын кодта.

«Ацы ныффыстæй  базыдтам, цæмæй  бæстæйы  бæрзонддæр гæстæ, сæ нымæцы  премьер-министр у хуымæтæг  зондер къорды разамонæг,  кæцы   уынгты  расур-басур кæны  нæ  хъæбулты æмæ  сæ  физикъонæй  æфхæры, марынæй дæр сæм æртъхъирæн кæнынц, уымæ æмæ, кæмдæридау  нæ зæрдæмæ нæ фæцыдис  Берайы  социалон хызагыл  фыст комментаритæ.  Мæнæ ахæм  хицауад нын ис  абон æмæ  стæй,  бон-изæрмæ расур-басур кæнынц  ацы  сывæллæтты  æмæ  изæры та   хыгъдлæвæрд дæттынц Берайæн,  кæй куыд бафхæрдтой  æмæ кæмæн бауыдзæн райсомæ скъоламæ ацæуын йæ бон, кæнæ та нæ бафæраздзæнис.  Ам  ныхас  цæуы æнахъом  сывæллæттыл.  Нормалон бæстæйы  куы цæриккам, уæд абон  сæумæрайсом  хъуамæ уыдаит фыст куырдиæттæ, куыд премьер-министры, афтæма  паддзахадон хъахъъæды  специалон куысты   хистæры рдгæй  сæ куыстуæгъды  фæдыл  æмæ   прокуратурæйы  та хъуыддаг нырид  рæгъмæ хаст хъуамæ  уайид» –   банысан кодта Удумашвили.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ йæм нæй ныфс  цæмæй   прокуратурæ  ацы  хуъыддагы фæдæвзарынмæ æрывналдзæн.

«Бынтон мæм нæй  ныфс, цæмæй  прокуратурæ рывналдзæн фæдæвзарынмæ.  Фæлæ  зæгъæм куы райдайа,   уæд  иу   хуымæтæгæй куыд  кæнынц афтæ йæ  уæлвæйнæгыл  фæуаддзысты  ацы хъуыддаг.   Ныр  ахъуыды кæнут, «Гуырдзиаг Бæллиццы» дæр , нæ зæгъгæ ничи  загъта  ацы  ныффысты автентондзинады тыххæй.   Уыдон  ныхас  кæнынц  цыдæр   датæтыл,  кæд у арызт ацы  ныффыст.  Цы уæлдай у  кæд у арызт ныффыст?  Ацы ныффысты мидæг фæбæрæг сты  уæззау  фыдракæнды  миниуджытæ  æмæ  уымæн хъæуы æнæаргъæвгæ  фæдагуырд.  Цалынмæ фæдагуырд   фæуыдзæн, уæдмæ та алы фигурант, ныффысты мидæг чи ис,  уыдон  сæ  куыстæй  сæхи хъуамæ сисæт»- райхъусын кодта Заал Удумашвили.