IDFI-ы æнхъæлынц, цæмæй  интернеты ахæлиугонд сусæг æрмæджыты ис 2014-2021 азты арызт ныффыстытæ
IDFI-ы æнхъæлынц, цæмæй интернеты ахæлиугонд сусæг æрмæджыты ис 2014-2021 азты арызт ныффыстытæ

Инофрмацийы сæрибардзинады рæзынады институт (IDFI) сусæг ныффыстыты ахæлиуы фæдыл   фидиуæн аразы, кæцыйы мидæг дзырдæуы, цæмæй  ахæлиугонд  æрмæджыты бацахуыры фæстиуæгæн,  ис гæнæн загъдæуа æнхъæлц, ома  æрмæг  фальсификацигонд нæу  æмæ бакуыст у ПÆК-ы æрдгæй.

Афтæма организацийы  банысан кодтой, цæмæй  14 сентябры  Гуырдзыстоны  прокуратурæ  фæдагуырд райдайыны тыххæй райхъусын кодта. Тагъд  паддзахадон æдасдзинад куыст,  фæдагуырды  фæдыл æмкуыст кæнынмæ цæттæдзинады тыххæй  фехъусын  кодта. Ацы рæстæджы ахæлиугонд документтæ   ацы рæстæгмæ æвæрд сты веб-фарсыл.

«Кæд ацы документтæ  автентон  сты ацы æрмæджыты  æхсæнадонæй рæувадатдзинад арæн скæнын æнæмæнгхъæугæ у  адæймаæгты хисæрмагонд цардуагы  æмæ  æдасдзинад бахъахъхъæнынæн» – дзырдæуы  фидиуæны.

Организаци  сиды  парламентмæ, сараза  фæдæвзарæг  комисси  æмæ бацахуыр кæнæт  паддзахадон  æдасдзинады куысты  æнхъæлцау   системон  цæстдарды   закъонондзинады æмæ уым  бæрзонд  гæсты  бастдзинады фарст.

«Гуырдзыстоны парламент хъуамæ  рахата  цас карз у уавæр.  Æрмæст  Гуырдзыстоны  прокуратурæйы тыхархайдыл  æмбæлгæ æууæнк  нæ уыдзæн.  Парламент хъуамæ спайда кæна  уымæн  конституцийæ æмæ   законæй   лæвæрд  æххæстбартæ  æмæ   баиу уа  ахæлиугонд æрмæджыты фæдыл  аууæлттæ  бацахуырмæ, сæрмагондæй  та уыцы фоныл,  ома  æнхъæлцау бæрæг кæны  системон  æнæзаконон цæстдарды миниуджытæ.

Курæг стæм  медиаорганизацитæй  æмæ  журналисттæй,   ахæлиугонд æрмæджытæ срухс кæнæт  журналистон этикæйы принциптæ æххæстæй  хъахъхъæнгæйæ. Æрмæджытæ ахæлиу кæнын  гæнæн ис  æрмæстдæр уыцы  бæрцæйы,   кæцыйы домдзæн  æхсæнадон  интерес.  Рухс кæныны рæстæджы  хъахъхъæд хъуамæ уа  адæймæгты хисæрмагонд цардуагы   бар», –  банысангонд у IDFI-ы ахæлиугонд  фидиуæны.