Гуырдзыстоны прокуратурæ сусæг ныффыстытæ ахæлиу кæнынмæ гæсгæ  фæдагуырд  райдыдта
Гуырдзыстоны прокуратурæ сусæг ныффыстытæ ахæлиу кæнынмæ гæсгæ фæдагуырд райдыдта

Гуырдзыстоны прокуратурæ  сусæг ныффыстытæ ахæлиу кæнынмæ гæсгæ  фæдагуырд   райдыдта.  Уый фæдыл  прокуратурæйы ахæлиугонд  фидиуæны мидæг дзырдæуы.

«Гуырдзыстоны  генералон прокуратурæйы,  æхсæнадонæй  публикацигонд сусæг ныффыстыты бындурыл,  райдыдта фæдагуырд  хисæрмагонд  ныхæсты  æвварстæй ныффыссыны кæнæ/æмæ   бахъусыны, афтæма   хицæн коммуникацийы  ныффысты, техникон амæлттæй   информацийæ æнæзакононæй  пайда кæныны  æмæ ахæлиуы  факттыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны  барады кодексы  158-æм статийы 1-аг  æмæ 2-аг хæйттæй  бæрæг  фыдракæнды нысæнттæй.

Хъуыддагыл цæугæ  фæдагуырды фæлгæтты,  уагъд æрцæудзæн   алы  хъæугæ  фæдагурæн  æмæ процессон   архайд, ныффыстытæ  самал кæнын æмæ ахæлиу кæныны   законондзинад сбæрæг кæнынæн.   Ахæлиугонд ныффыстыты автентондзинад сбæрæг кæнынæн, снысан уыдзæн  æмбæлгæ экспертизæтæ.  Фæдагуырды фæстиуджыты фæдыл  информаци лæвæрд цæудзæн  æхсæнадмæ», –  дзырдæуы  фидиуæны.