Адæймаг ахст æрцыд, журналисты профессионалон архайды æнæзакъононæй тыхмийы æртъхъирæнæй кæй хъыгдардта, уый тыххæй
Адæймаг ахст æрцыд, журналисты профессионалон архайды æнæзакъононæй тыхмийы æртъхъирæнæй кæй хъыгдардта, уый тыххæй

Гуырдзыстоны прокуратурæ иу гоймаг æрцахста, кæцы æнæзакононæй тыхмийы тæссагдзинадæй журналисты профессионалон куысты къуылымпы кодта.

Прокуратурæйы информацимæ гæсгæ, Кахеты районы прокуратурæйы ауагъд фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй ацы азы 26-æм марты, Телавы муниципалитеты Курдгъелауры хъæуы, ахстгонд журналист æмæ операторæн сæ профессионалон хæстæ æххæст кæнын нæ бауагъдта æмæ тыхмидзинадæй тæрсын кæнгæйæ, тыхæй баурæдта сæ исын æмæ телеуынынады репортаж парахат кæнын.

«Ахстгонд Гуырдзыстоны уголовон кодексы 154-æм статьяйы 2-æм хаймæ гæсгæ (журналистæн æнæзакононæй къуылымпы кæнын йæ профессион архайдтытæ æххæст кæнын, арæзт цæуы тыхмийы тæссагдзинадæй), кæцы дыууæ азы онг ахæстоны фæбадыны æфхæрд хæссы.

Прокуратурæ тæрхондонмæ куырдиат бадæтдзæн закъонæй снысангонд æмгъуыдмæ, цæмæй аххосджынæн равзара профилактикон мадзал», -ис фыст хъусинаджы.