Националон Змæлды аргълæвæрдæй, «Бæллицц» архайы, рæстæг ныддаргъ кæнын, цæмæй  иупартион парламент официалонæй ма сбæлвырд кæна
Националон Змæлды аргълæвæрдæй, «Бæллицц» архайы, рæстæг ныддаргъ кæнын, цæмæй иупартион парламент официалонæй ма сбæлвырд кæна

«Иугонд Националон Змæлды» минæвар Заал Удумашвилийы  фидиуæнæй,  зæгъгæ «Гуырдзиаг Бæллицц»  максималонæй архайы,  рæстæг ныддаргъ кæнын æмæ  иупартион парламент официалонæй  ма сбæлвырд кæна.

«Абон Къобахидзе цы загъта уый,  бæрæг уыдис Зурабишвилийы  зноны  фидиуæнæй, кæцыйæн фыццагæй  бавдисын кодтой  ацы инициативæ.

Ныр «Бæллицц» архайы  рæстæг ныддаргъ кæнын.  цæмæй  иупартион парламент официалонæй  ма сбæлвырд кæна.  Уымæй тынг тæрсынц.

Фæлæ уый нын нæ  плантæ нæ æивдзæнис.  Иунæг цæй  тыххæй  дæр ацы   процесс ныддаргъ кæнынæн уыдзæн нысаниуæг, уыдзæн кæд æмæ   хицаугæнæг  парти хъуыды кæны  ног æвзæрстытæ  снысан кæнын», – хъусын кæны  Заал Удумашвили.

Абон бæрæг ссис, цæмæй  парламентон фылдæртæ оппозицийы  минæвæрттæн  мандаттæ аивынæй  йæхи уромы.