Заал Удумашвили - Бадзырдыл нæ тæрхон кæнæм, цалынмæ Ника Мелиа ахæстонæй не ссæрибар уыдзæн, уый у нæ сæйраг позици, кæцыимæ бацæудзыстæм Шарль Мишелимæ фембæлдмæ
Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй Шарль Мишель æрцæуы Гуырдзыстонмæ æмæ йæхæдæг базонгæ уыдзæн алы уыцы оппозицион партийы позициимæ, кæцы къух бафыстой, кæнæ та не сразы сты. Ацы фембæлдыл, кæй зæгъын æй хъæуы, бацæудзыстæм æмæ йын нæ фидар позици базонын кæндзыстæм, – уый фæдыл «Националон Змæлды» уæнг Заал Удумашвили райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ цалынмæ «Националон Змæлды» сæрдар ахæстоны ис, партийы ницы бадзырдыл нæ хъуыды кæнынц.
«Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй Шарль Мишель æрцæуы Гуырдзыстонмæ æмæ йæхæдæг базонгæ уыдзæн алы уыцы оппозицион партийы позициимæ, кæцы къух бафыстой, кæнæ та не сразы сты. Ацы фембæлдыл, кæй зæгъын æй хъæуы, бацæудзыстæм æмæ йын базонын кæндзыстæм нæ фидар позици, ома цалынмæ «Националон Змæлды» сæрдар ахæстоны ис, партийы ницы бадзырдыл нæ хъуыды нæ кæнæм. Ууыл тæрхон кæнын райдайдзыстæм, æрмæст Ника Мелиа ахæстонæй куы рацæудзæн æмæ уый у нæ сæйраг позици, кæцыимæ бацæудзыстæм Шарль Мишелимæ фембæлдмæ. Кæронбæттæн уынаффæ бæрæг суыдзæн уый фæстæ, Ника Мелиа куы ссæрибар уыдзæн. Уæдмæ ацы фарстыл нæдæр политсоветы сконды нæ уынаффæ кæндзыстæм», – райхъусын кодта Заал Удумашвили.
Уымæй уæлдай ма президенты галуаны, Шарль Мишелы документыл æндæр æмæ æндæр партиты минæвæрттæ къух знон бафыстой.
Европаг Советы президент Шарль Мишель политикон партитæн ног документ 18 апрелы бавдыста. Сæрмагондæй та, Шарль Мишелы бавдыст ног документмæ гæсгæйæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» æнхъарæнмæ æмбæлгæйæ, 2022 азы снысан уыдзæн æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ, кæд хицаугæнæг парти, бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты 43 проценттæй къаддæрдæр хъæлæстæ райсдзæн.
Уыимæ иумæ, Шарль Мишелы документмæ гæсгæйæ, бадзырд бафыссынæй иу къуыримæ, фарсытæ политизиргонд нымад дыууæ хъуыддаг хъуамæ ногæй æркæсой.