Жигимантас Павильонис – Гуырдзыстоны хицауады æнæнхъæлæджы  фидиуæн  нæ  фæуыргъуыйау кодта
Жигимантас Павильонис – Гуырдзыстоны хицауады æнæнхъæлæджы фидиуæн нæ фæуыргъуыйау кодта

Уыдис нын   бирæ   партийæ къухбафыст бадзырд, кæцы  у æндагамонæг  картæ Гуырдызстонæн, цæмæй  размæ рацæуа  Европаг  æмæ транс-атлантикон  интеграцийы фæндагыл – уый фæдыл райхъусын кодта  Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты комитеты сæрдар Жигимантас Павильонис.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ йæм ныфс ис,  фæнысангонд  картæ  сыххæст уыдзæн  политикон   спектры алы фарсы æрдгæй.

Уыимæ иумæ. Жигимантас Павильонисы фидиуæнæй,   зæгъгæ  цæуы   ныхас, цæмæй гæнæн ис  иуæй-иу  сферæйы  Гуырдзыстонæн æххуыс  суа  бадзырдон.

«Кæд Гуырдзыстон не ххæст кæны  ныфсæвæрд реформæтæ, дæнцæн  расттæрхоны сферæйы, цæмæн хъуамæ сфинанс  кæнæм ацы реформæтæ.  Ныр мах формулировкæ кæнæм нæ политикæ, кæцы укыдзæн дырыс  сигнал  Гуырдзыстоны хицауадæн, ома нæ  æххæуыс æнæмнæг  нæу.

Фæнды нæ цæмæй Гуырдзыстон уа  ацы  реформæты лидер.  Уый ты  нысан кæны, цæмæй  Гуырдзыстон хъуамæ уа  тынг  фæдфæдон   йæ  дзырдлæвæрдты   сыххæсты. Гуырдзыстонмæ мæ æнæнофициалон визиты фæстаг  бон у  æмæ  хъыгагæн нын ис ацы  æнæнхъæлæджы  фидиуæн хицауадæй.  Уый нæ шокы  баппæрста. Ныфс дарын  цæмæй  Гуырдзыстоны хицауад  сыххæст кæндзæн  цы дзырдлæвæрдтæ  йын уыд  уыдон иууылдæр, уымæн æмæ  уый æппæт нырид разыгонд сты.  Кæд сæ фæнды, цæмæй лиетувæйæгты  æмæ æндæрты æххуыс сын уа ацы фæндагыл, уæд  намысджынæй  хъуамæ архайæт» – банысан кодта  Жигимантас Павильонис.

Парти «Гуырдзиаг бæллиццы» сæрдар, Ираклий Къобахиздзе зноны брифингы рæстæджы  райхъусын кодта, цæмæй  сæрмагондæй  арфæгæнæг у Шарль Мишелæн  йæ  тыхайрхайды æмæ  фарсхæцыны тыххæй, фæлæ  документыл къухбафыссынæй  100 боны сæрыл бæрæг у, цæмæй  уый йæ мисси сыххæст кодта æмæ  йæ  логикон  кæронмæ æрцыд. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, 19  апрелы  бадзырды анулирдзинадæй  абонæй  бæстæ  конституцион фæлгæттæм æрыздæхт