Welt amSonntag - Германи æнахъом мигрантты депортаци скæнын хъавы
Welt amSonntag - Германи  æнахъом  мигрантты  депортаци скæнын   хъавы

Германи  æнахъом  мигрантты  депортаци скæнын   хъавы.   Уый фæдыл  хъусинагы  публикаци кæны  «Welt amSonntag».Рауагъдад куыд хъусын кæны  афтæмæй,    уыдон самал кодтой мидхъуыддæгты министрады   хыгъдлæвæрд,   кæцыйы мидæг дзырдæуы, цæмæй  Германийы  хицауад  æввахс   рæстæджы Мароккойы,   райдайдзæн мигрантты рæстæгмæ   æрцæрын кæныны   центрты  арæзтад, цы ран   бæстæйæ  депортацигонд  æнахъом   мигрантты  æрцæрын кæндзысты.  Æдæппæт дзырдæуы  100  æнахъомы тыххæй,  кæцытæ фæнысангонд  уагдоны  цæрдзысты.  Ацы центры   уыдон райсдзысты   социалон æххуыс  æмæ ахуыр.  Мигрантты  цæрæн бынат арæзтады æмæ  хæрзæфснайды  баст у   Мароккойы   хицауад æмæ  æнæхицауадон организацитæ.

Германийы мидхъуыддæгты  министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй фыццаджы дæр ацы уагдæтты æрцæрын кæндзысты уыцы 18 азы онг кары  æнахъомты, кæцыты  æндæр æмæ æндæр фыдракæнды фæфиппайдтой.