«ВВС» - нæлгоймаг кæцы æмбæстæгтыл бырст сæххæст кодта, Цæцæны хæцыд

Телекомпани «Би-Би-Си»-ы  информацийæ,   Утърехты  бырсты  æххæстгæнæг  Цæцæны  хæцыд.  Уый фæдыл  Иугонд Паддзахады  Æхсæнадон Телеуынынадгæн фехъусын кодта бынæттон бизнесмен.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   бырсæгы  полици раджы  дæр ахста, уымæн æмæ  уый æнхъæлцау  баст уыдис «Исламы Паддзахадимæ»,  фæлæ  йæ  тагъд  ссæрибар кодтой.

Бакой уын кæндзыстæм,  Голландийы  сахар Утърехты, бырст абон сæумæрайсом æрцыд.  Трамвайы  æхсты  фæстиуæгæн  фæмард æртæ  æмæ  фæцæф сты  фараст адæймаг.

Фыдгæнæджы  кæцы  равзæрдæй  туркаг у, полици ацы  афонмæ агуры.  Бырсты  фæстæ  Утърехты  тасы  бæрзонддæр æмвæзад расидтысты.  Нидерландты  æппæт территорийыл фæказрдæр кодтой  æдасдзинады амæлттæ.