Нидерландты полици сахар Утърехты, трамвайы æхст райдаыны гуырысхогонды æрцахста. Информацийы уый фæдыл ахæлиу кодта йæхæдæг Утърехты полици.
Барадхъахъхъæнджытæ æрцæугæйы схуыдтой террористон актæй.
«Фокс Ньюс» куыд фыссы афтæмæй, ахæст у Турчы гуырд 37 аздзыд Гокмен Танис. Полицийы фидиуæнæй, уыйы зылынджын кæнынц æртæ адæймагы марындзинады æмæ фондз адæймаг фæцæф кæныны. Нидерландты контртеррористон агентады къухдариуæггæнæг Питер Яап Аалберсберг куыд райхъусын кодта афтæмæй, гуырысхогонд æхст райдыдта сахары цалдæр ран. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бирæ фарст баззад æнæдзуаппæй æмæ барадхъахъъхæнджытæ алы факты равзарынæн кусынц.
Бакой уын кæндзыстæм, сахар Утърехты, 24 октябры фæзыл, гарзджын уæнг трамвайы æхст райдыдта бынæттон рæстæгæй 10:45 сахатыл æмæ цауы бынатæй аоыгъд. Полицийы ахæлиугонд фæстаг бæлвырд информацийæ, æрцæугæйы фæстиуæгæн фæмард æртæ æмæ фæцæф сты фондз адæймаг.
Цъус рæстæджы размæ «Бибиси» ахæлиу кодта информаци, цæмæй нæлгоймаг, кæцы Утърехты æмбæстæгтæм бабырста, Цæцæны хæцыд.