Утърехты æрцæугæ  бырсты  фæстæ  полици  æртæ  гуырысхогонды  æрцахста
Утърехты æрцæугæ бырсты фæстæ полици æртæ гуырысхогонды æрцахста

Утърехты æрцæугæ  бырсты  фæстæ  полици  æртæ  гуырысхогонды  æрцахста.   Информацийы хъусын кæны  бынæттон медиа.

Полицийы  версийæ   бырст сæххæст кодта  37 аздзыд  Турчы  гуырд Гюкмен  Танис.  Æхсты фæстæ  бынатæй  алыгъд æмæ цалдæр сахатмæ та йæ  полици рацахста.  Иннæ  дыууæ ахæсты  нæмттæ  полици  ацы  афонмæ нæ хъæр кæны.

Барадхъахъхъæнджытæ  ацы рæстæгмæ  нæ  зонынц, цы уыдис  бырсты мотив –  терроризм, æви сæрмагонд маст исын. Бырсæгы хæстæджытæ  нæ  цух кæнынц, цæмæй  гæнæн ис,  бырсты  мотив  бинонты æхсæн æнæразыдзинад   уыдаит.

Нидерландты  сахар Утърехты, 24 октябры  фæзыл, гарзджын уæнг  трамвайы  æхст райдыдта  бынæттон рæстæгæй  10:45 сахатыл æмæ  цауы бынатæй алыгъд.

Полицийы  ахæлиугонд  фæстаг  бæлвырд информацийæ,  æрцæугæйы фæстиуæгæн  фæмард æртæ æмæ  фæцæф сты  фондз адæймаг.