Володимир Зеленски – Украинайы æдасдзинады архайадон гарантитæ  хъæуынц  НАТО-йы  уæнгсуæыны онг
Володимир Зеленски – Украинайы æдасдзинады архайадон гарантитæ хъæуынц НАТО-йы уæнгсуæыны онг

Украинайы  æдасдзинады   архайадон гарантитæ  хъæуынц НАТО-йы  уæнг суæвыны онг –  уый фæдыл   Украинайы  президент  Володимир Зеленски  æрвылбойнон  сидты   райхъусын кодта.

«Лиетувæйы, саммитыл   нæ  иумæйаг позици  алы  хайадисæг   паддзахады  позици гæнæн ис  уа æрмæстдæр ахæм амбицион, цахæмдæр у æнæмæнгхъæугæ  Европаг æдасдзинадæн. Уырнæг  дæн.  Æдасдзинады  архайадон  гарантитæ Украинайæн, кæнæ та фæткæвæрдыл бындурæвæрд   æхсæнадæмон   сæрфадæн, æнæмæнгхъæугæ у  альянсы  мах уæнг суæвыны онг» – банысан кодта Зеленски.

Украинайы президент афтæдæр   реалистон  æмæ   конкретонæй схуыдта сабырады  украинаг формулæ.

«Уæрæсе  хъуамæ феддæуар уа  Украинайы территорийæ, æппæт  Украинайæ, алы  оккупант. ИНО-йы   фæткæвæрды  алы  пункт   та ногæй  хъуамæ скуса, нæй  гæнæн  Уæрæсейы æрдгæй  æхсæнадæмон барады халынын иунæг  цау дæр æнæдзуапп ныууадзын. Растдæр  ахæм принципты бындурыл  æрыздæхдзæнис æдасдзинад æмæ сбардзинад   æхсæнадæмон ахастыты.  Растдæр   уый тыххæй  хъæуы  сабырдзинады  украинаг  формулæ абсолютонæй  реалистон æмæ  реалон.  Абон  Макронимæ  деталонæй æркастыстæм  сабырдзинад  формулæ, афтæ куыд æхсæнадæмон мадзщæлттæ, кæцыты  ацы  аз цæттæ кæнæм, сæрмагондæй та  НАТО-ы Вильнюсы саммит» –   райхъусын кодта Зеленски.