Владимир Зеленскийы информацийæ, Иран, хæдтæхæджы æрыппарыны фæстиуæгæн фæмардуæвæг  Украинайы æмбæстæгты бинонтæ, компенсацийæ банхъарыд  80 000 доллар бафидын
Владимир Зеленскийы информацийæ, Иран, хæдтæхæджы æрыппарыны фæстиуæгæн фæмардуæвæг Украинайы æмбæстæгты бинонтæ, компенсацийæ банхъарыд 80 000 доллар бафидын

Ираны хицауад   «Украинайы   Æхсæнадæмон  авиахаххыты»   хæдтæхæджы  æрыппарыны фæстиуæгæн  фæмардуæвæг  Украинайы  æмбæстæгты  бинонтæн, компенсацийæ банхъарыд   фæйнæ 80 000 доллар бафидын.  Уый фæдыл  Украинайы  президент  Владимир Зеленский  телекомпани  «1+1»-ы  эфиры   райхъусын кодта.   Зеленский  куыд банысан кодта афтæмæй,   Украина ацы  суммæ  æнæфагыл банымадта.

«Уыдон нын   уыцы тæккæ  загътой  фæйнæ  фæмардуæвæгы  бинонтæн 80 000 доллары  компенсацитæ бафидын, фæлæ мах не сразы стæм.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  ацы  суммæ тынг  цъус у.  Æцæг у  адæймаджы  цард ницы  цифрæтæй  æмæ ницы суммæтæй ис  гæнæн  саргъ кæнын, фæлæ мах   кæронмæ  бацархайдзыстæм, цæмæй  суммæтæ  фæфылдæр кæной», –  райхъусын кодта  Украинайы  лидер.

Афтæма, Владимир Зеленский  Тегеранæй  æрдомтта   æрыппаргæ   хæдтæхæджы  бортфыссджыты  æрыздахын.

«Украинайы   æхсæнадæмон   авиахаххыты»   сæрмгаонд   бæлццонон «Боинг»   Тегераны   аэропортæй   8  январы   æрхаудта,  кæцыйы  фæстиуæгæн   176   адæймаг   фæхъуыд.   Æртæ бон фæстæ  та, Ираны  хицауад  басастис, цæмæй  хæдтæхæг  æфсæддæттæ рæдыдæй  æрыппæрстой.