Владимир Зеленский – Украинæ Сауды Аравийы уæрæсейаг-америкаг бадзырдты тыххæй ницы зыдта æмæ Киев нымадмæ нæ райсдзæн бадзырдтæ, кæцыты йæхæдæг хайад нæ иста
Украинæйы президент Владимир Зеленский расидтис, цæмæй Украинæ Сауды Аравийы Уæрæсейы æмæ АИШ-ы минæвæртты æхсæн бадзырдты хайад нæ райсдзæн æмæ нæ банымайдзæн Украинæйы фæдыл бадзырдтæ, кæцытæ арæзт æрцыдысты æнæ официалон Киевы хайадистæй.
Зеленский куыд æмбарын кæны, афтæмæй украинаг фарс «уый тыххæй ницы зыдта æмæ æнæ уыдонæй арæзт бадзырдтæ нæ нымайдзæн».
Уымæй дарддæр ма, Владимир Зеленский банысан кæны, цæмæй «йæ официалон визит Сауды Аравимæ 18-æм февралы ницы бар дары АИШ æмæ Уæрæсейы минæвæртты æхсæн цæугæ цаутимæ».