Владимир Зеленский – Уырны мæ Трамп æмæ йæ командæйы фæнды хæст фæуромын, фæлæ мах агрессортæ не стæм æмæ уый тыххæй цæмæн хъуамæ бафидæм?
Владимир Зеленский – Уырны мæ Трамп æмæ йæ командæйы фæнды хæст фæуромын, фæлæ мах агрессортæ не стæм æмæ уый тыххæй цæмæн хъуамæ бафидæм?

Украинæйы президент Владимир Зеленский расидтис, цæмæй АИШ-ы президент æмæ йæ командæ, кæцытæ хъавынц хæсты фæурæд, гæнæн ис æмæ æндæвдад скæной Украинæйыл, цæмæй саразой территорион концесситæ æмæ æрдомой украинаг æфсæддонты рацæуын йæ территорийæ.

Уый фæдыл Зеленский «Аксиосимæ» интервьюйы рæстæджы расидтис.

«Сæ фæнды хæст фæуромын.Цы мæ тыхсын кæны уый у, цæмæй уыдон уынынц æрмæст иу фæндаг уый саразынæн. Уырны мæ, цæмæй президент Трамп æмæ йæ командæйы фæнды хæст фæуромын, фæлæ уый тыххæй цæмæн хъуамæ бафидæм?Мах агрессортæ не стæм», -расидтис Зеленский.

Украинайы лидер афтæдæр банысан кодта, цæмæй АИШ æндæр гæнæн нæ уыны Уæрæсейы президент Владимир Путины бауромынæн, украинаг æфсæддонты сæ территорийæ ракæнынæй дарддæр.

«Цы мæ тыхсын кæны уый у, æмæ ничи æцæгæй аргъ кæны, цы тасдзинад хæссы ацы уынаффæ нæ æдасдзинадæн» – райхъусын кодта Зеленский.